Миногми (Причастие)

Разделы: Общепедагогические технологии

Класс: 7


Ирон æвзаджы урок 7-æм къласы.

Урочы хуыз - ног æрмæг амонын.

Грам. темæ: Миногми. Нырыккон афоны миногмитæ.

Ныхасы темæ: Уæрæсейы æрдз.

1. Урочы нысантæ

Ахуырадон:

  • ног æмбарынад бæрæг кæнын зонын
  • æндæр ныхасы хæйттæй миногми хицæн кæнын зонын
  • сывæллæттæн сæ дзырдуатон фонд фæхъæздыгдæр кæнын
  • орфографион арæхстдзинæдтæ фæхуыздæр кæнын

Рæзынадон:

  • хи хъуыды сбæрæг кæнын зонын æмæ йæ ныффидар кæнын
  • анализ кæнын зонын, абарын, иу хатдзагмæ æркæнын
  • ныхасы культурæйыл бакусын

Хъомыладон:

  • мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын
  • дзырдæн аргъ кæнын зонын
  • кæрæдзийæн аргъ кæнын, æххуыс кæнын, кæрæдзийæ хатыр кæнын.

Цæстуынгæ æмæ æххуысгæнæг æрмæг: 7-æм къласы чиныг «Ирон æвзаг», компьютер, презентации.

Урочы эпиграф: Мæ балцæн нæй, лæджы фæндтау, кæрон... Хæмыцаты Албег

2. Бацæттæгæнæн рæстæг

Мотивацион уавæр.

Ахуыргæнæг йемæ къласмæ æрбахаста цад Байкалы ныв æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Арфæ ракæныны фæстæ скъоладзаутæм дæтты фарст:
- Ацы ныв ам уыдис æви…? (Демæ йæ æрбахастай.)

Ахуыргæнæг:

- Мемæ йæ æрбахастон? Ӕмæ мæ куы айрох ис… Цы диссаджы рæсугъд цады ныв у! Ирыстоны нæм цымæ цадтæ нæй? Ӕгæрыстæмæй, дард Африкæйы тæккæ астæу ис иу цад, æмæ зонут йæ ном куыд у? Чад. Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, уырдæм кæддæр нæ фыдæлтæ ныххæццæ сты æмæ сæ фæд ныууагътой ацы цады номы хуызы. Дзырдмæ та куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй!

Афыссæм ма уæдæ фæйнæгыл ахæм цыбыр хъуыдыйад (скъоладзаутæй иу фыссы фæйнæгыл): «Ахуыргæнæг ныв æрбахаста йемæ».

Ахуыргæнæг:

-Ссарут ма дзы мивдисæг. Уæдæ цы æвдисы мивдисæг? Кæцы афоны ис? Кæцы цæсгомы?

Скъоладзаутæ дзуапп кæнынц, фæлхат кæнынц рацыд æрмæг.

Ног æрмæгыл куыст.

Ахуыргæнæг:

- Мивдисæгмæ ма фарст æндæрхуызон сæвæрæм, миногоны фарст «цавæр?». Цавæр ныв у?

Скъоладзаутæ дзуапп кæнынц, ахуыргæнæг сын æххуыс кæны (æрбахæсгæ ныв).

Ахуыргæнæг:

- Хорз сывæллæттæ. Ӕмæ ныв чи æрбахæсса, уыцы адæймагмæ дæр ма раттæм фарст «цавæр?» ( Цавæр адæймаг? Ӕрбахæссæг адæймаг,ома, ныв чи æрбахаста, уый). Уæдæ дзырдтæ «æрбахæсгæ» æмæ «æрбахæссæг» арæзт сты мивдисæг «хæссын»-æй, домгæ та кæнынц миногоны фарст.
Мивдисæджы ахæм сæрмагонд формæ хонæм миногми, ома миногон дæр у, æмæ мивдисæг дæр - миног+ми. Миногми æвдисы предметы миниуæг йæ архайдмæ гæсгæ. Ис ын мивдисæджы афонтæ. Нырыккон афоны миногмитӕ арæзт цæуынц фæсæфтуантæ -гæ æмæ -æг-æй. Æркæсæм æмæ бакæсæм чиныджы раиртæст. (Скъоладзаутæй иу кæсы раиртæст.)

3. Ног æрмæг бафидар кæныныл куыст

59 фарсыл 114-æм фæлтæрæн. Скъоладзаутæ ахуыргæнæджы æххуысæй мивдисджытæй аразынц миногмитæ, дзырдбыд баххæст кодтой.

Бынмæ:

1. Бадын - бадгæ
2. Ласын - ласгæ, ласæг
3. Агурын - агургæ, агурæг
4. Хонын - хонæ, хонгæ

Цæхгæрмæ:

1. Сгарын - сгарæг, сгаргæ
Хъæугæ дзырд донхæссæг.

4. Ног зонындзинæдты райхæлд

Ахуыргæнæг.

- Ацы ныв æз æнæхъуаджы не̓ рбахастон. Нæ урочы эпиграф ма бакæсæм. Адæймаджы фæндтæн кæрон нæй, хъуыдытæ нæ сæ базыртыл ахæссынц тынг дард, æрзилын нæ кæнынц дунейы алы къуымты. Ӕмæ цы нæ рæсугъд æрдзы хъæбысы балæудзыстæм нæ тæхгæ хъуыдыды фæрцы!...Тынг бирæ рæсугъд бынæттæ ис Уæрæсейы. Уыдонæй сæ иу - цад Байкал. Ӕз мæхæдæг никуы уыдтæн Байкалы цады был, фæлæ йын йæ диссаджы рæсугъддзинады тыххæй бирæ фехъуыстон, уынгæ та йæ фæкодтон телеэкраныл, интернеты. Бæргæ мæ фæнды, цæмæй йæм мæхæдæг фæцæуон æмæ йæ мæ цæстæй фенон, фæлæ уал цалынмæ уырдæм цæуæм, уæдмæ уал ын йæ хабæрттæ нæ чиныджы бакæсæм.
Скъоладзаутæ кæсынц 60-æм фарсыл 116-æм фæлтæрæн «Байкал». Ӕххæст кæнынц фæлтæрæны хæслæвæрдтæ: рафыссут, нырыккон афоны миногмитæ цы хъуыдыйæдты ис, уыдон. Равзарут миногмитæ сæ арæзтмæ гæсгæ.

  • Раджы кæддæр Байкалы былгæрæтты цæрæг адæм æдасæй нуæзтой цады дон: доны зайæгойтæ чи хæры, ахæм хæфсыты руаджы цады дон уыдис тынг сыгъдæг.
  • Кæфты мæйы зымæг æрæмбæрзы Байкалы къардиу былтæ, нæзытæ æмæ сыбираг кедртæй æрцаразы цæхæркалгæ ихын бæлæстæ.
  • Асæст бон ихын æмбæрзæн вæййы авджы хуызæн рæсуг, йæ быны ирдæй фæзынынц ленкгæнæг кæсæгтæ.
  • Хатгай сабыр бон дæр æвиппайды кæцæйдæр ахæм уаддымгæ æрбадымы, æмæ цады уылæнтæ зилгæ кафт кæнын райдайынц.

Нырыккон афоны миногмитæй ма саразут ивгъуыд афоны миногмитæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цæй фæрцы арæзт цæуынц нырыккон афоны миногмитæй ивгъуыд афоны миногмитæ (нырыккон афоны миногмитæм разæфтуантæ куы бафтауæм, уæд -æг-ы фæрцы арæзт миногмитæн фæзыны ивгъуыд афоны формæ).

Цæрæг- ацæрæг, бацæрæг

Ленкгæнæг - аленкгæнæг. æрбаленкгæнæг

Лæвæрд арæзтытæй саразут дзырдбæстытæ миногми + номдар. Бахахх кæнут миногмиты бын.

Х у ы з æ г : доны зайæгойтæ чи хæры, ахæм хæфсытæ - доны зайæгойтæ хæрæг хæфсытæ.

Доны зайæгойтæ чи хæры, ахæм хæфсытæ;
цады былгæрæтты чи цæры, уыцы адæм - цады былгæрæтты цæрæг адæм
æвиппайды чи фæзыны, ахæм уаддымгæ - æвиппайды фæзынгæ уаддымгæ
йæ быны чи ленк кæны, ахæм кæсæгтæ - йæ быны ленкгæнæг кӕсӕгтӕ,
цады сæрмæ æнгом чи æрбады, ахæм мигъ - цады сæрмæ æрбадæг мигъ.

5. Рефлекси

Ахуыргæнæг.

- Фæйнæгыл фыст дзырдтæ, дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ. Кæмæ фæдзурон, уый, урочы темæ куыд бамбæрста, уымæ гæсгæ æвзары иу дзырд, дзырдбаст кæнæ хъуыдыйад æмæ дзы аразы миногми, дзырдбаст кæнæ хъуыдыйад миногмиимæ. Фыссæм сæ дыууæ цæджындзæй: иуы, чи бамбæрста темæ, уыдон; иннæйы - чи нæ бамбæрста. Цæджындзытæй кæцы «фæуæлахиз» уа, уымæ гæсгæ бæрæг кæндзыстæм нæ куысты фæстиуджыæ.

Базыдтон - базонæг
Зæрдæмæ цæуын - зæрдæмæдзæугæ
Ӕнцонæй бамбæрстон - æнцон æмбаргæ
Нæ йæ бамбæрстон - æнæмбаргæ
Акусын ма мæ хъæуы - акусгæ
Нæ хъуыстон - нæ хъусæг
Зын æмбарæн у - зын æмбаргæ.
Миногми - чи нæ ивы, мивдисæджы ахæм формæ. - мивдисæджы æнæивгæ формæ.
Предмет бæрæг кæны йæ архайдмæ гæсгæ. - Предмет бæрæггæнæг йæ архайдмæ гæсгæ.

Ахуыргæнæг:

- Куыд уынæм, афтæмæй уæ фылдæр хай темæ бамбæрстой (кæнæ нæ бамбæрстой). Нæ иннæ уроктыл бафидар кæндзыстæм, абон цы базыдтам уый.

6. Хæдзармæ куыст.

  • Бацæттæ кæнут чысыл хъусынгæнинаг Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цадты тыххæй
  • 61-æм фарсыл 117-æм фæлтæрæн.