Конспект урока по осетинскому языку по теме "Местоимения. Грамматическое значение местоимений / Номивæг. Номивджыты нысаниуæг"

Разделы: Краеведение


Хæс:

  • Сбæрæг кæнын номивджыты тыххæй цы зонынц, уыцы зонындзинæдтæ.
  • Номивджытæй ныхасы мидæг раст пайда кæныныл ахуыр кæнын.
  • Скъоладзауты зæрдæты гуырын кæнын ахæм æнкъарæнтæ, куыд хистæрæн кад кæнын, хистæры ныхасæн аргъ кæнын хистæрмæ хъусын.
  • Универсалон - ахуырадон архæйдтытæ урочы: удгоймагон,
  • Коммуникативон, логикон.

УРОЧЫ ЭПИГРАФ:

«Хистæрæн кæстæр куы дæтта æгъдау,
Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.»

1) Бацæттæгæнæн рæстæг:

Сывæллæттæ уæ бон хорз, мæнæн тынг æхсызгон у уæ уынд. «Æгас цу» зæгъæм нæ буц уазджытæн дӕр. Нæ куыст кæндзыстæм иумæ æмæ кæрæдзимæ бакæсæм бахудæм. (слайд)

2) - Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм,уый сбæрæг кæнынæн нын феххуыс уыдзæн уыци-уыци.

Дæн сæрыстыр æз мæхицæй,
Ном, æууæл æмæ нымæц,
Цæрын сымахимæ æмхицæй,
Æппын нæ зонын æз фæлмæцын.

3) - Цавæр ныхасы хайы кой цæуы?(номивæг)

-Уæдæ нæ урочы темæ цавæр у?

- Цымæ номивæг цы зæгъид йæхицæй?

Йӕ ном йӕ уӕлӕ(ном ивӕг)

(слайд)

4)

  1. Æз дæн--------ныхасы хай
  2. Нысан кæнын дзуапп дæттын--------
  3. Хъуыдыйады мидæг вæййын-------------------
  4. Ныхасы мидæг мæ фæпайда кæнынц-------------------
  5. Хæларæй цæрын----------------.

5) Байгом кӕнут уӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ фыссут абоны нымӕц , нӕ урочы темӕ.

Цæмæй уый сбæрæг кæнæм,уый тыххæй нæ хъæуы афыдæбон кæнын--------

ТЕКСТИМÆ КУЫСТ (ахуыргæнæг кæсы текст)

6) Байгом кӕнут уӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ фыссут абоны нымӕц , нӕ урочы темӕ.

ТЕКСТИМÆ КУЫСТ (ахуыргæнæг кæсы текст)

Иу хъæуы цард бирæ зондджын хистæртæ.

Хистæртæ сæ куырыхон зондæй хъæуы цæрджыты раст фæндагыл арæзтой. Хъæубæстæ куыстмæ сæ хъус нал дардтой. Кæстæртæм сæ хистæрты уайдзæфтæ нал хъардтой. Хъыгдарыны хос сты. «Алкæмæн дæр йæ хæдзары цы хистæр ис, уыдон хъуамæ амара. Кæстæртæ сæххæст кодтой сæ фæнд. Иу лæппуйæ фæстæмæ . Сæ цæхæрадоны кæрон наккæнд скъахта æмæ йæ фыды уым бамбæхста, уырдæм ын хаста хæринаг æмæ дон.Кæстæртæн сæ хистæртæ цы цæттæ фæллой ныууагътой, уыдон хæрд æмæ нуæзт фесты. Æххормаг мæлæтæй куыд аирвæзой, уымæн ницы уыд сæ бон æрхъуыды кæнын. Йæ зæронд фыды чи бамбæхста, уыцы лæппу радзырдта йæ фыдæн хабæрттæ. Фыд йæ фыртæн загъта: «Бавдæлут æмæ фæззæджы быдыртæй уæрдæтты хор цы фæндæгтыл ластой, уыдон бахуым кæнут. Уыцы фæндæгтыл ласгæ-ласын цы хоры гагатæ фæкалди уыдонæй исты хъуамæ сæвзæра.» Лæппутæ бахуым кодтой фæндæгтæ, фæндæгтыл мæнæуы æвзартæ сæвзæрдысты. Ралæууыд фæззæг, сæ хор бафснайдтой. Лæппу радзырдта йе ̓мбæлттæн, йæ зæронд фыды кæй бамбæхста, фæндæгты дæр уый зондæй кæй бахуым кодтой. Фæсивæд бамбæрстой стыр рæдыд кæй æруагътой. Уынджы дæллаг кæронæй зæронд лæгмæ сæ зонгуытыл бацыдысты æмæ дзы хатыртæ фæкуырдтой. (слайд)

Дзырдуатон куыст:

  • куырыхон - мудрый
  • ныккæнд - погреб, землянка
  • æвзар - всходы

- Кæй руаджы уыдысты хъæубæстæ сæ цардæй разы?

- Цæмæн сфæнд кодтой кæстæртæ сæ хистæрты амарын?

- Кæд фæивта хъæубæстæн сæ цард?

- Кæй фæрцы фервæзтысты мæлæтæй?

- Уæ хъус ма æрдарут тексты грамматикон арæзтмæ?

- Цы хъæуы бакæнын рæдыд сраст кæнынæн?

- Цавӕр ныхасы хӕйттӕ сты?

- Цавæр номивджытæй баивæн ис уыцы дзырдтæ?

- Цæмæн хъæуынц номивджытæ тексты? (хъуыдыйæдтæ кæрæдзимæ бæттынæн) (слайд)

- Байхъусæм ма мæнæ уырыссаг ахуыргонд А.А.Реформатский куыд зæгъы номивджыты тыххæй:

«Местоимения - это особый класс слов-заменителей, которые как запасные игроки на футбольном поле или дублеры в театре выходят на поле , когда они вынуждены заменить кого-то».

- Иронау ма йæ атæлмац кæнут.

(Нæ бон у зæгъын номивджытæ фæзæгъæм предметты миниуджыты бæсты, нымæцонты, хъæуынц предметты нæмтты бæсты)

- Нæ текст та йæ хъуыдымæ гæсгæ цавæр у? (таурæгъон)

- Цæмæй бæрæг у? (цаутæ кæрæдзийы ивынц, ис дзы бирæ мивдисджытæ, ис дзы архайджытæ) (слайд)

ФИЗМИНУТКÆ:

ÆЗ, ДЫ, УЫЙ МАХ,СЫМАХ, УЫДОН НЕ ППÆТ СТÆМ ÆМЗОНД, ÆМДЫХ. МАГУСАТЫ НЫХМÆ МАХ ЛÆУУÆМ ХЪÆДДЫХ.

Зæгъæн ис æмæ уый у нæ къласы девиз.

Нæ девизы ис номивджытæ?

Цавæртæ? (цæсгомонтæ иууон æмæ бирæон нымæцы)

Нæ бон у зæгъын номивджытæн ис иууон æмæ бирæон нымæц.

(- Нæ текстмæ раздæхæм фæстæмæ.

- Цавæр æмбисæндтæ зонут хистæр æмæ кæстæры тыххæй?

ХИСТÆРМÆ ХЪУСЫН ХЪÆУЫ.

ХИСТÆРЫ БУЦ ДАР,ДÆУ ДÆР ЗÆРОНД КÆНЫН ХЪÆУЫ.

ХИСТÆРМÆ ЦЫ КÆСТÆР НÆ ХЪУСА, УЫЙ ЙÆХИЦÆН ФЫДБЫЛЫЗ ХÆССЫ.

ÆГОММÆГÆС ЙÆ УДÆН ЗНАГ У.

ХИСТÆРÆН ЙÆ ФЫНДЗ АМÆРЗ ÆМÆ ЙÆ ЗОНДÆЙ АФÆРС .

КÆСТÆРÆН ЙÆ ХÆС ХИСТÆРМÆ ХЪУСЫН.

- Æмбисæндтæй тексты хъуыды кæцы æвдисы

?- Ссарут æмбисæндты номивджытæ?

- Саразут диалог текстӕй пайда кæнгæйæ(2къордæн лæвæрд) -ДИАЛОГ- -(ФЫД ÆМÆ ФЫРТЫ ХСÆН) (ФЫРТ ÆМÆ ФÆСИВÆДЫ)

- Куыд уæм кæсы рауад уæ диалог?

- Истæуыл аныхас кодтат?

- Дзургæйæ фæрæдыдыстут?

Хистæр кæстæр цавæр дзырдтæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ?(антонимтæ) (слайд)

Фæйнæгыл цы дзырдтæ ис уыдонæй саразын дыууæ цæджындзы иуæрдыгæй хистæр цавæр хъуамæ уа иннæрдыгæй кææстæр цавæр хъуамæ уа (2 къорды)

  • КУЫРЫХОН
  • ЗОНДАМОНÆГ
  • ÆНÆУАГ
  • ÆГЪДАУДÆТТÆГ
  • ЦÆРДÆГ
  • ÆНÆГЪДАУ
  • ФÆЗМИНАГ
  • ЛÆГГАДГÆНÆГ
  • КОММÆГÆС
  • УÆЗДАН

- Рафыссут уæ тетрæдтæм хъуыдыйад. (слайд)

УЫДОН СÆ КУЫРЫХОН ЗОНДÆЙ ХЪÆУЫ ЦÆРДЖЫТÆН РАСТ ФÆНДАГ АМЫДТОЙ.

(скъоладзау æвзары хъ.)

-Уæдæ нæ бон у зæгъын номивджытæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ вæййынц сæйрат æмæ æххæстгæн.

Ныр та афӕлварӕм синквейн саразын:

- Чи зӕгъдзӕн цы хонӕм синквейн?

Дзуапп: (У французан дзырд, куыд технологи фазынд Америчы.

У фондз рӕнхъӕй фыст ӕмдзӕвгӕ)

- Хорз бакуыстат абон.

- Урочы райдайæн нæ размæ цы хæстæ сæвæрдтам, уыдон нæ къухы бафтыдысты?

- Кæронмæ ма фæхæццæ кæнут хъуыдыйæдтæ:

(слайд)

1) - Æз дæн ------- ныхасы хай

2) -Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ вæййын---------------

3) Хæларæй цæрын--------------

4) Ныхасы мидæг мæ фæпайда кæнынц--------------

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

ХÆДЗАРМÆ КУЫСТ: Ныффыссын цыбыр нывæцæн «ХОРЗ КÆСТÆР - ХОРЗ ФИДÆН.»

БАЦÆТТÆ ЙÆ КОДТА АЛАГИРЫ 2-ӕм СКЪОЛАЙЫ АХУЫРГÆНÆГ ДЗÆГЪОЙТЫ М.А.