Мой Коста

Разделы: Внеклассная работа, Краеведение

Класс: 3


Урочы темæ: «Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…»

Урочы нысантæ:

  • Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.
  • Бамбарын кæнын, Къостайы ном рох кӕй нæ уыдзæн, фæлæ кадджынæй кадджындæр кæндзæн афæдзæй афæдзмæ ирон адæмы 'хсæн.
  • Скъоладзаутæн уарзын кæнын Къостайы чингуытæ кæсын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын.

Кусæн æрмæг:

  • Компьютерон презентаци урокмæ.
  • Къостайы æмдзæвгæтæ, зарджытæ, нывтæ.

Эпиграф:

Къоста-йæ кад æмæ йæ зарæг, -
Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!
Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг
Зæххыл йæ зарæгау æдзух.

- Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæ урок уыдзæн тынг цымыдисаг.

Дзуапп раттут мæ фарстæн æмæ йæ базондзыстут, нæ урочы кæй тыххæй дзурдзыстæм, уый.

Ахуырг.

Зарджытæ сабитæн
Чи фыста? Чи уыд?
Чи радта ирæттæн
Диссаджы чиныг?

Сывæлл.

Чи уыд? Куыд чи уыд?
Уарзон Къоста!
Саурихи, сауæрфыг,
Сауцæст Къоста!

Сывæлл. (Мах дзурдзыстæм Къостайыл)

Ахуырг. 1859 азы иу хæххон хъæуы Хетæгкаты хæдзары райгуырд лæппу.

(экраныл Нары хъæу).

Уыцы рæстæг æнхъæл чи уыд, æмæ Ирыстоны зæххыл фæзынд ирон адæмы фæндагамонæг стъалы…

Къоста афтæ уарзон у Иры адæмæн, æмæ йæ хонынц æрмæст йæ номæй. Къоста ном чи хæссы, ахæмтæ бирæ уыд æмæ ныр дæр ис. Фæлæ уыцы ном куы сдзурæм, уæд нæ цæстытыл ауайы мæнæ ацы Къоста (экраныл - Къостайы ныв).

- Ирыстоны зынаргъ лæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Ацы аз Къостайыл сæххæст уыдаид157 азы. Кæд йæхæдæг нал ис, уæддæр йæ ном цæрдзæн æнустæм. Уый махæн ныууагъта «Ирон фæндыр» (экраныл æвдыст цæуы) - хæзнадон, кæцы нæ ахуыр кæны царды раст фæндагыл цæуын.

(экраныл æвдыст цæуы эпиграф).

Ахуырг. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы зонæм Къостайы тыххæй, уый.

(Сывæллæттæ компьют. æххæст кæнынц тестытæ).

Тест.

1. Къоста райгуырди:

  1. 15 сент.
  2. 15 окт.
  3. 15 нояб.

2. Къостайы райгуырæн хъæу у:

  1. Нар
  2. Лабæ
  3. Къостайы хъæу

3. Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд хуыйны:

  1. Къостайы фæндыр
  2. Ирон фæндыр
  3. Хъисын фæндыр

4. Къостайы ингæн ис:

  1. Нары
  2. Лабæйы
  3. Ирон аргъуаны кæрты.

Хатдзæгтæ.

Ахуырг. Хистæр кълæсты (7 къл.) ахуырдзаутæ сфæнд кодтой сымах бафæлварын.

(экранæй хистæр скъоладзаутæ базон - базонты хуызы дæттынц фæрстытæ 3-аг къласы ахуырдзаутæм).

Ахуырдзаутæ дзурынц Къостайы æмдзæвгæтæ.

(экраныл фæзындысты афæдзы афонты нывтæ æмæ дзуаппытæ):

Зымæг
Уалдзæг
Сæрд
Фæззæг

Ахуырг. Бузныг 7 къласæн..

Хатдзæгтæ:

Къоста уарзта æрдз.

- Цымæ кæцы афæдзы афон уарзта тынгдæр?

(сывæлл. дзуаппытæ).

Ахуырг. Æрæджы уыдыстæм музейы.Цы дзы бахъуыды кодтат?

Сывæлл. (дзурынц сæ хъуыдытæ…)

Ахуырг. Къостайы æмдзæвгæтæ куыд зонут?

Сывæлл. Дзурынц æмдзæвгæтæ, басня.

Ахуырг. Нæ горæты цавæр бынæттæ баст сты Къостайы номимæ?

Ахуырдзауты дзуаппытæ.

(Музей, проспект…)

Экраныл фæзындысты фыстытæ:

  • Музей
  • Парк
  • Проспект
  • Цыртдзæвæн
  • 13-æм скъола
  • Къостайы номыл культ.хæдзар…

Ахуырг. - Цæмæн сты афтæ бирæ?

Сывæлл. дзуаппытæ. (адæм уарзынц Къостайы, кад ын кæнынц, нæ йæ рох кæнынц…)

Хатдзæг.

Къостайы ном рох никуы уыдзæн.
Хæдзармæ - иртасæн куыст.

Ахуырг. - Уæ бинонты бафæрсут, Къостайы æмдзæвгæтæй сæ зæрдæмæ цавæртæ цæуынц тынгдæр.

Ахуыр.- Азæй- азмæ Къостайы ном кадджындæр кæны, фылдæрæй фылдæр æй уарзынц адæм. Цалынмæ ирон адæймаг а зæххыл цæра, уæдмæ цæрдзæн Къостайы ном, йæ «Ирон фæндыр».

Къостайы æмдзæвгæтæ абон ссисты зарджытæ. Адæм сæ уарзынц, зарынц сæ, хъусынц сæм.

Абон дзы иумæ байхъусдзыстæм («Хъуыбады»).

(экраныл Къостайы ныв æмæ урочы эпиграф).

Ахуырг. Уарзут Къостайы, кæсут ын йæ чингуытæ, ахуыр ын кæнут йе 'мдзæвгæтæ.

Рефлексия